4 Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.
Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.
Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».
Уый, Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы дыууадӕс фӕтӕджы, алы мыггагӕй дӕр — фӕйнӕ, кӕй банымадтой, уыдон.
Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Фӕйнӕ лӕдзӕджы — алы мыггаджы хистӕрӕй.
Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.
Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».
Моисей израилӕгтӕн рафӕзмыдта, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Банымадтой Моисей, Аарон ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕ Кехаты байзӕддӕгты хӕдзаргай ӕмӕ мыггаггай,
Уый фӕстӕ израилӕгты фӕтӕгтӕ, сфыст кӕй бӕрны уыд, хӕдзарвӕндӕгты уыцы хистӕртӕ ӕрбацыдысты
Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.
Йемӕ ацыди дӕс фӕтӕджы, Израилы хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕ, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — иу.