39 Даны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы.
Даны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты, номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Асиры байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йе ’фсӕддон къорды — ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы.
Шухамы хӕдзарвӕндӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕхсай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ.