33 Ефремы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».
Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.
Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йе ’фсӕддон къорды — цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Уыдон — Ефремы байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ. Уыдон — Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.