Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 1:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 1:32
14 Iomraidhean Croise  

Сабийыл сӕвӕрдта ном Йосеф ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ма мын раттӕд дыккаг лӕппу дӕр!»


Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон.


Ме ’ргом уӕ аздахдзынӕн, уе ’фсымӕрты, Ефремы байзӕддӕгты, Мӕхицӕй куыд аппӕрстон, афтӕ.


Хуссарварс чи цӕры, уыдон бацахсдзысты Исавы хох, дӕлвӕзы цӕрджытӕ — филистимӕгты зӕхх, Ефрем ӕмӕ Самарийы быдыртӕ. Бениамин та бацахсдзӕнис Галаад.


Зевулоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.


Ефремы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.


Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй;


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan