31 Зевулоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.
Зевулоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йе ’фсӕддон къорды — фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.
Уыдон — Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕхсай мин фондзсӕдӕ.