23 Симеоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы.
Симеоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Гады байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йе ’фсӕддон къорды — фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы.
Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.
Уыдон — Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕ: дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ.