21 Рувимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Рувимы, Израилы хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Симеоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Уыдон — Рувимы хӕдзарвӕндӕгтӕ; сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — цыппор ӕртӕ мин авдсӕдӕ ӕртын.