19 Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ банымадта Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.
Соломон банымайын кодта, Израилы зӕххыл чи царди, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты, уымӕй размӕ Давид куыд бакодта, афтӕ. Соломоны сфыстмӕ гӕсгӕ сӕ нымӕц уыди сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ мин ӕхсӕз сӕдӕ.
Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
Фембӕлды Цатырмӕ кӕнӕ-иу нывондхӕссӕнмӕ куы цыдысты, уӕд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
«Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр номхуындӕй.
Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ — рӕсӕнуаты сӕ чи куыд лӕууыди йе ’фсадимӕ, фӕндагыл дӕр цыдысты афтӕ: алчи — йӕхи мыггаг, йӕхи хӕдзарвӕндагимӕ.
Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон.
Моисей радта уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ.