Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 1:16
20 Iomraidhean Croise  

Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.


Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Неффалимы мыггагӕй — Ахира, Енаны фырт.


Моисей ӕмӕ Аарон, кӕй нӕмттӕ загъдӕуыд, уыцы адӕймӕгтимӕ


Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.


сӕ иуы уастмӕ та хъуамӕ ӕрбамбырд уой ӕрмӕстдӕр фӕтӕгтӕ, Израилы мингӕйтты раздзӕуджытӕ.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се ’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ.


Елиавы фырттӕ: Немуел, Датан ӕмӕ Авирам, дзыллӕйы ’хсӕн нымад чи уыди, уыцы Датан ӕмӕ Авирам. Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттимӕ уыдон растадысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ — Дунедарӕджы ныхмӕ.


Моисей израилӕгтӕн рафӕзмыдта, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.


Уый фӕстӕ израилӕгты фӕтӕгтӕ, сфыст кӕй бӕрны уыд, хӕдзарвӕндӕгты уыцы хистӕртӕ ӕрбацыдысты


Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.


Гедеон Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, ӕмӕ ӕз Израилы куыд фервӕзын кӕндзынӕн? Мӕ мыггагӕй мӕгуырдӕр Менассиайы хӕдзарвӕндаджы куы нӕй, стӕй мӕ бинонты ’хсӕн дӕр се ’ппӕты кӕстӕр ӕз куы дӕн».


Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?


Сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, ӕппӕт уыцы бынӕттӕ ӕмӕ-иу мӕм бӕлвырд хабаримӕ ӕрбаздӕхут. Уӕд ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ, ӕмӕ кӕд ацы зӕххыл ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр скъахдзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan