9 Ды федтай нӕ фыдӕлты хъизӕмӕрттӕ Мысыры, Сырх денджызы был сын се ’рдиаг фехъуыстай
уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл.
Ӕркасти Хуыцау Израилы байзӕддӕгтӕм. Хуыцау сӕм Йе ’ргом раздӕхта.
Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.
Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.
Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.
Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн стӕрхон кӕндзынӕн, — загъта Хуыцау, — ӕмӕ уый фӕстӕ рацӕудзысты уырдыгӕй ӕмӕ Мын ацы бынаты кувдзысты“.