Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ды — Дунедарӕг Хуыцау, сӕвзӕрстай Аврамы. Халдейаг Урӕй йӕ ракодтай ӕмӕ йын радтай ном Авраам.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:7
11 Iomraidhean Croise  

Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.


Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон, уый тыххӕй дӕ халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс».


Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.


Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Аврам, кӕнӕ Авраам.


Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.


фӕлӕ ӕрмӕст уӕ фыдӕлтӕ фесты Дунедарӕгӕн адджын, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты ’хсӕн равзӕрста сымах, сӕ байзӕддӕгты. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan