Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:6
43 Iomraidhean Croise  

Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.


Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.


Афтӕ сӕнтысти дуне.


Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.


Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?


Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


Левиттӕ, Йешуа, Кадмиел, Бани, Хашавниа, Шеревиа, Ходиа, Шеваниа ӕмӕ Петахиа, дзырдтой: «Слӕуут! Стаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, мыггагӕй-мыггагмӕ! Кад кӕнӕнт Дӕ цытджын номӕн, цыфӕнды кад ӕмӕ ӕппӕлдӕй стырдӕр чи у, уымӕн!


Цуангӕнӕг домбӕйттӕ рыхынц — амӕттаг курынц Хуыцауӕй.


Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.


Дунедарӕджы цӕуӕнтӕ — уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад, Йӕ фидыд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын фидар чи хӕцы, уыдонӕн.


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад, бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.


Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


Дунедарӕг зӕгъы: «Сымах Ме ’вдисӕнтӕ стут. О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме ’взӕрст. Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат, Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.


Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!


Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».


Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, сты арв дӕр ӕмӕ уӕларв дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уыдон дӕр,


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!


Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс


Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Бакувӕнт Ын Хуыцауы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр».


Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».


«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan