4 Йешуа, Бани, Кадмиел, Шеваниа, Бунни, Шеревиа, Бани ӕмӕ Кенани левитты бӕрзонд лӕууӕнмӕ схызтысты ӕмӕ хъӕр кодтой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ.
Уый фӕстӕ левиттӕ, Кехат ӕмӕ Корахы хӕдзарвӕндӕгтӕй, сыстадысты ӕмӕ бӕрзонд хъӕлӕсӕй стауын райдыдтой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы.
Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,
Дарддӕр къул амайыныл архайдтой левиттӕ: Банийы фырт Рехум, уыдоны фӕстӕ — Хашавиа, Кеилайы ӕрдӕгзылды хицау.
Динамонӕг Езра лӕууыди, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзтой, уыцы бӕрзонд хъӕдын лӕууӕныл. Рахизӕрдыгӕй йӕ фарсмӕ — Маттитиа, Шема, Анайа, Уриа, Хилкиа ӕмӕ Маасеа, галиуӕрдыгӕй — Педаиа, Мишаел, Малкиа, Хашум, Хашбаддана, Захариа ӕмӕ Мешуллам.
Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой.
Левиттӕ, Йешуа, Кадмиел, Бани, Хашавниа, Шеревиа, Ходиа, Шеваниа ӕмӕ Петахиа, дзырдтой: «Слӕуут! Стаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, мыггагӕй-мыггагмӕ! Кад кӕнӕнт Дӕ цытджын номӕн, цыфӕнды кад ӕмӕ ӕппӕлдӕй стырдӕр чи у, уымӕн!
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. О Дунедарӕг! Ӕз сӕрбӕрзонд нӕ уыдтӕн, ӕнӕввӕрсонӕй никӕмӕ кастӕн, мӕ зонд кӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы стыр хъуыддӕгтӕ мӕхимӕ никуы райстон.
Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ, мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.
Асафы зондамонӕн псалом. О мӕ адӕм, уӕ хъус ӕрдарут мӕ зонды ныхасмӕ, ӕрбайхъусут мӕ зондамындмӕ.
Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.