Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Йӕ бирӕ бӕркад, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй нӕ Ды кӕй дӕлбар бакодтай, уыцы паддзӕхтӕм ӕрхауы. Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ фосыл дӕр сӕ бар цӕуы. Цы сӕ фӕнды, уый кӕнынц, уынгӕджы бон ныл акодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:37
11 Iomraidhean Croise  

Паддзахӕн хъуамӕ зындгонд уа: ацы сахар арӕзт куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ къултӕ амад куы фӕуой, уӕд уыдон налдӕр хъалон, налдӕр фиддон, налдӕр илци фиддзысты, ӕмӕ уый паддзахы къазнайӕн ӕнӕмӕнг зиан уыдзӕни.


Ӕз уын бардзырд дӕттын: иудейаг хистӕртӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ хуыз райса. Уыцы адӕмӕн паддзахы исбонӕй — Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ фиддонтӕй — ӕвӕстиатӕй хай кӕнут, цӕмӕй куыст къуылымпы ма цӕуа.


Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци.


Загътон сын, ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъын, уӕйгонд чи ӕрцыди, уыцы иудейӕгты мах, нӕ бон цас уыди, уыйас фӕстӕмӕ фелхӕдтам. Сымах та, зӕгъын, уе ’фсымӕрты уӕй кӕнут, ӕмӕ ныр махӕн ӕлхӕнинаг фесты! Ницы дзырдтой, стӕй зӕгъгӕ дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой?


Хӕстӕг у не знаг, басаста нын нӕ хъару. О, сулӕфын куынӕуал у нӕ бон!


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?»


Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.


Сӕндӕттӕ скӕндзыстут ӕмӕ сӕм зилдзыстут, фӕлӕ нӕдӕр сӕн фендзыстут, нӕдӕр дзы уӕ рӕбыны ӕрӕвӕрдзыстут — зулчъытӕ сӕ бахӕрдзысты.


уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.


Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan