Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Де стыр хорзӕхӕй хайджын уӕвгӕйӕ, суанг сӕ паддзахады дӕр, Ды сын кӕй рахицӕн кодтай, уыцы парахат ӕмӕ сойджын зӕххыл нӕ лӕггад кодтой Дӕуӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ нӕ ныууагътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:35
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ не ’ххӕст кодтой Де ’Гъдау, нӕ хъуыстой, Ды сын кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм.


Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.


Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.


Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кӕнынц».


Алцыдӕр уӕм парахатӕй куы уыди, уӕд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ уӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтат,


уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.


Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan