33 Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.
Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не ’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».
Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ не ’ххӕст кодтой Де ’Гъдау, нӕ хъуыстой, Ды сын кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм.
Иузӕрдион Дыл кӕй у, уый федтай ӕмӕ йемӕ фидыд сарӕзтай: йӕ байзӕддагӕн ын ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ гиргашӕгты зӕххытӕ кӕй ратдзынӕ, уымӕй йын зӕрдӕ бавӕрдтай. Ӕмӕ сӕххӕст кодтай Дӕ дзырд, уымӕн ӕмӕ Ды дӕ раст Хуыцау.
Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,
Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы тӕрхонмӕ нӕ сиды.
Фыр адӕргӕй Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыд азарӕй бахызта:
Аздӕхти Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын загъта: «О Дунедарӕг! Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой. Сӕхицӕн сыгъзӕринӕй скодтой хуыцау.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Сӕ фыдракӕндтӕй Мӕ смӕсты кодтой, нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сын лӕггад кодтой.
О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!
ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».