31 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, рӕстаудӕг ӕмӕ барон Хуыцау, Де стыр хорзӕх уыди, ӕмӕ сӕ бахызтай бындзагъдӕй, нӕ сӕ ныууагътай.
Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дунедарӕджы зӕрдӕ фӕсасти ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Нал Ӕй бафӕндыд сӕ фесафын ӕмӕ сӕ нал аздӕхта Йе ’ргом.
Уе ’ргом Дунедарӕгмӕ куы раздахат, уӕд уын уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ цоты уацары чи райста, уыдон сӕ нал ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы бӕстӕм ӕрбаздӕхдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, бараг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг у. Уе ’ргом ӕм куы раздахат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи нал атигъ кӕндзӕн».
Дӕ коммӕ нӕ бакастысты, цы диссӕгтӕ сын сарӕзтай, уыдон сӕ ферох сты. Хивастӕй сӕхицӕн равзӕрстой фӕтӕджы, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхой Мысырмӕ ӕмӕ цагъартӕ суой. Фӕлӕ Ды дӕ барон, фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕрзаудӕнгӕнаг Хуыцау — Ды сыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.
уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.
Фӕлӕ Мӕ ном ӕмӕ Мӕ кады сӕраппонд урӕдтон Мӕ маст, хӕцыдтӕн Мӕхиуыл ӕмӕ уӕ нӕ бабын кодтон.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, фӕлӕ йӕ бынтон нӕ фесафдзынӕн.
Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.
Фӕлӕ уӕ суанг уыцы бонты дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕронмӕ нӕ фесафдзынӕн.
«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм,
Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.