Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ды сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сӕ уыдон уынгӕг кодтой. Фӕлӕ-иу удаистӕй Дӕумӕ куы сдзынӕзтой, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ-иу сын ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрӕрвыстай ӕмӕ та-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй ирвӕзын кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:27
19 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Израилы адӕмӕн ирвӕзынгӕнӕджы радта, ӕмӕ арамейӕгты ӕфсондзы бынӕй суӕгъд сты. Сӕ цӕрӕнты ӕдасӕй цӕрын райдыдтой, уымӕй размӕ куыд уыдис, афтӕ.


Ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ бафӕндыд Израилы ном арвы бынӕй бынтондӕр сыскъуынын, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта Йоашы фырт Йеровоамы фӕрцы.


Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Израилы ӕппӕт байзӕддагыл дӕр. Ӕрӕлхъывта сӕ, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн-иу сӕ бастигъын кодта. Ӕппынфӕстаг сӕ фӕсырдта Йӕ цурӕй.


Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн».


Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.


уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.


Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan