Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Сӕ байзӕддӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ зӕхх сӕхи бакодтой. Ды сын уыцы зӕххы цӕрджыты, ханаанӕгты, басӕттын кодтай; сӕ паддзӕхтимӕ ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтимӕ сын сӕ радтай сӕ къухтӕм, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:24
13 Iomraidhean Croise  

«Уемӕ куы ис Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ алфамбылай знӕгтӕй уӕ куы сӕнӕмӕт кодта. А бӕстӕйы цӕрджыты дӕр радта мӕ къухтӕм, ӕмӕ а бӕстӕ баци Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ адӕмы дӕлбар.


Иудейӕгтӕ се знӕгты иууылдӕр ныццагътой, кард дзы никӕмӕй раздӕхтой, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой, аккаг сын фесты.


Уӕ сабиты та, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, уацары хай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны та бакӕндзынӕн Ӕз уырдӕм, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах былысчъилтӕ кӕуыл кодтат, уыцы бӕстӕ цыхуызӕн у, уый.


ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕ бархъомыс сыл чи сӕвӕрдта, уыцы хӕйрӕджы къӕппӕгӕй.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.


Еглоны паддзах, Гезеры паддзах,


Тирцайы паддзах — ӕдӕппӕт иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахы.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.


Дунедарӕг Израилы хӕдзарӕн цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ баззад — алцыдӕр дзы сӕххӕст.


Уыцы бон Дунедарӕг израилӕгтӕн уӕлахиз балӕвар кодта, ӕмӕ ханаанӕгты паддзах Йавины басастой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan