Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 9:15
23 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Ды мын мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгӕй, мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй!


Ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дзул уын ӕруарын кӕндзынӕн арвӕй. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу сӕхицӕн бонваг ӕруидзӕнт. Ӕз та сӕ бафӕлвардзынӕн, кӕддӕра Мын Ме ’Гъдау куыд ӕххӕст кӕнынц.


Фӕлӕ адӕм дойныйӕ стыхстысты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Нӕхи дӕр, нӕ сабиты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр дойныйӕ амарынмӕ?»


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм.


Кӕсут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн дӕтты ацы бӕстӕ. Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау сымахӕн куыд загъта, афтӕ. Ма тӕрсут, ма фӕтасут!“


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan