Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:9
30 Iomraidhean Croise  

Паддзах чиныджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм.


Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау.


Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


Паддзах, Ӕгъдауы чиныджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта.


«Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут мӕн тыххӕй, стӕй ма, Израил ӕмӕ Иудейы сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдоны тыххӕй дӕр. Цы чиныг ссардӕуыд, уым цы фыст ис, уыдӕттӕн цы кӕнгӕ у? Уымӕн ӕмӕ нӕм Дунедарӕг тынг мӕсты у, нӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл».


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».


Паддзах Артаксеркс сауджын Езрайӕн, динамонӕгӕн, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Ӕгъдауыл Израилы ахуыргӕнӕгӕн цы фыстӕг радта, уым дзырдӕуыди:


Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа;


Уыдон цардысты Иоакимы, Иоцадакы фырт Йешуайы фырты рӕстӕджы, облӕсты хицау Неемиа ӕмӕ динамонӕг Езра-сауджыны рӕстӕджы.


Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.


Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй куыст размӕ цӕуа, уымӕн стыр ахъаз бакодтой. Тиршата хӕзнадонмӕ радта: сыгъзӕрин — мин драхмӕйы; кӕхцытӕ — фӕндзай; сауджыны фӕлыст — фӕндзай ӕртын фӕлтӕры.


Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон уын уӕд ӕнцойбон, сыкъауадындзты уаст-иу уазӕмбырдмӕ фӕсидӕд.


Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм.


Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,


Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Мӕ хъыджы сахат дзы нӕ бахордтон, фӕчъизи дӕн, афтӕмӕй йӕ нӕ рахицӕн кодтон, мардӕн дзы рухсаг нӕ загътон. Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъуыстон, алцӕмӕй дӕр Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон.


Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan