Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Алкӕмӕ дӕр куыд хъуыса, афтӕ сын кастысты Хуыцауы Ӕгъдауы чиныг ӕмӕ сын ӕй ӕмбарын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы сын кастысты, уый ӕмбӕрстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:8
16 Iomraidhean Croise  

Уӕд Иудейы адӕм ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтимӕ ӕмӕ пехуымпартимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, паддзах фӕраст ис Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы фыст.


Уӕ фыстӕг мын лӕмбынӕг бакастысты.


Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ.


Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Уыцы иу ран лӕугӕйӕ, боны цыппӕрӕм хайы дӕргъы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, Ӕгъдауы чиныг кастысты, боны иннӕ цыппӕрӕм хайы та ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу бакуывтой Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн.


Адӕмы фӕтӕг семӕ хъуамӕ уа. Адӕм куы бацӕуой, уӕд-иу бацӕуӕд уый дӕр, куы рацӕуой, уӕд та-иу уый дӕр рацӕуӕд.


Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куыд равзара, афтӕ.


Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.


Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»


Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый


Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan