Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:7
27 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ паддзах йе ’ргом раздӕхта израилӕгты дзыллӕмӕ ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр арфӕ ракодта.


Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Нӕ Хуыцауы хорзӕх нӕ уыди, ӕмӕ нӕм ӕрбакодтой иу ӕмбаргӕ израиладжы — Махлийы байзӕддӕгтӕй, левиттӕй, йӕ ном — Шеревиа, йӕ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы;


Ходиа, Хашум, Бецай,


Серай, Азариа, Йеремиа,


ӕмӕ Шабтай ӕмӕ Йозавад — Хуыцауы хӕдзары ӕдде цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдон ӕххӕстгӕнӕг левитты хистӕртӕй,


Дуаргӕстӕ: Аккув, Талмон ӕмӕ се ’фсымӕртӕ, хъахъхъӕдтой кулдуӕрттӕ. Уыдысты сӕдӕ ӕвдай дыууӕ.


Азариа, Езра ӕмӕ Мешуллам,


Дарддӕр къул амайыныл архайдтой левиттӕ: Банийы фырт Рехум, уыдоны фӕстӕ — Хашавиа, Кеилайы ӕрдӕгзылды хицау.


Уый фарсмӕ къулы иннӕ хай, тигъыл цы хотыхдон ис, уый схизӕны акомкоммӕ, сарӕзта Йешуайы фырт Езер, Мицпайы хицау.


Сӕ фарсмӕ, сӕхи хӕдзары акомкоммӕ, къулы хай самадтой Бениамин ӕмӕ Хашшув. Уыдоны фарсмӕ, сӕхи хӕдзары цур, — Маасеайы фырт Азариа, Ананиайы байзӕддаг.


Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ.


Динамонӕг Езра лӕууыди, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзтой, уыцы бӕрзонд хъӕдын лӕууӕныл. Рахизӕрдыгӕй йӕ фарсмӕ — Маттитиа, Шема, Анайа, Уриа, Хилкиа ӕмӕ Маасеа, галиуӕрдыгӕй — Педаиа, Мишаел, Малкиа, Хашум, Хашбаддана, Захариа ӕмӕ Мешуллам.


Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты.


Алкӕмӕ дӕр куыд хъуыса, афтӕ сын кастысты Хуыцауы Ӕгъдауы чиныг ӕмӕ сын ӕй ӕмбарын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы сын кастысты, уый ӕмбӕрстой.


Уыцы иу ран лӕугӕйӕ, боны цыппӕрӕм хайы дӕргъы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, Ӕгъдауы чиныг кастысты, боны иннӕ цыппӕрӕм хайы та ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу бакуывтой Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн.


Йешуа, Бани, Кадмиел, Шеваниа, Бунни, Шеревиа, Бани ӕмӕ Кенани левитты бӕрзонд лӕууӕнмӕ схызтысты ӕмӕ хъӕр кодтой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ.


ӕмӕ израилӕгтӕн амонут, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон».


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan