2 Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.
Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;
Уыцы бон ӕппӕт дзыллӕйы раз хъӕрӕй кастысты Моисейы чиныг. Уым фыст уыди, аммонаг ӕмӕ моавагӕн Хуыцауы адӕмы ӕхсӕнмӕ бацӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ,
Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.
Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»
Уыцы мӕйы цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм бон израилӕгтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты. Ком дардтой, сӕ уӕлӕ сӕхъис скодтой, сӕ сӕртыл байзӕрстой рыг.
Афтӕмӕй та дзурынц мӕнӕй: «Кӕй ахуыр кӕны уый? Йӕ пехуымпар ныхӕстӕй нын зонд амоныныл цы схӕцыд, цыма дзидзидай сабиты, хӕрз ӕрӕджы риуӕй кӕй фӕиртӕстой, уыдоны ахуыр кӕны, уыйау?
«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон уын уӕд ӕнцойбон, сыкъауадындзты уаст-иу уазӕмбырдмӕ фӕсидӕд.
Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.
Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон та уын уӕд уазӕмбырд, мацы куыст кӕнут, уыцы бон-иу сыкъауадындзты уасын хъуысӕд.
Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц».
Паддзахы бадӕны куы сбада, уӕд-иу сауджынтӕм, левиттӕм цы тухгӕ чиныг ис, уырдыгӕй ацы Ӕгъдау рафыссӕд йӕхицӕн.
Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.