Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:18
7 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.


Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой.


Авд боны дӕргъы Дунедарӕгӕн хӕссут нывӕндтӕ. Ӕстӕм бон-иу уазӕмбырд скӕнут, Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут. Уый у бӕрӕгбоны фӕстаг бон, мацы-иу бакусут.


Уыцы бӕрӕгбон, Дунедарӕджы бӕрӕгбон, ӕрвылаз дӕр бӕрӕг кӕнут ӕвдӕм мӕйы — авд боны дӕргъы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ; ӕвдӕм бон-иу бӕрӕг кӕнут уыцы бӕрӕгбон.


Ӕстӕм бон уын уӕд уазӕмбырд; мацы куыст кӕнут.


Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan