Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Адӕм ацыдысты, къалиутӕ ӕрхастой ӕмӕ халагъудтӕ скодтой: чи — йӕ уӕлхӕдзары, йӕ кӕрты, чи — Хуыцауы хӕдзары кӕртыты, чи — Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы, чи — Ефремы кулдуары цур фӕзы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:16
12 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,


Бет-Шемешы сахары цур Израилы паддзах Йоаш уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Ахазиайы фырты фырты, бабырста Йерусалиммӕ ӕмӕ йын фехӕлдта йӕ быру — Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг, цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Иосафат Дунедарӕджы хӕдзары ног кӕрты Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты раз ӕрлӕууыд


Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта.


Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.


Фӕтӕн сисӕй нӕ фӕндаг цыди Ефремы кулдуармӕ, Зӕронд кулдуары рӕзты ӕрцыдыстӕм, Кӕсаджы кулдуарыл ахызтыстӕм, Хананелы мӕсыг ӕмӕ Сӕдӕйы мӕсыджы цурты Фысвосы кулдуармӕ ӕрхӕццӕ стӕм ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз.


Офел, зӕгъгӕ, сахары уыцы ран цӕрӕг Кувӕндоны кусджытӕ самадтой къулы иннӕ хай — скӕсӕнӕрдыгӕй Донхӕссӕн кулдуармӕ, цы мӕсыг дзы фӕцыд, уый онг.


Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.


Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.


Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan