Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт сахартӕн дӕр ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн дӕр фехъусын кодтой: фӕцӕут хохмӕ ӕмӕ дзы ӕрхӕссут оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, хъӕддаг оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, мирты къалиутӕ дӕр, пальмӕйы къалиутӕ дӕр, иннӕ фӕтӕнсыф бӕлӕсты къалиутӕ дӕр ӕмӕ сӕ, фыст куыд у, афтӕ халагъудтӕ саразут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:15
9 Iomraidhean Croise  

Бӕлон ӕм изӕры фӕстӕмӕ ӕрбатахт, йӕ дзыхы оливӕ бӕласы цъӕх сыфтӕр, афтӕмӕй; ӕмӕ Ной базыдта, дон зӕххы кӕй ахъардта, уый.


Мӕнӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, уазӕмбырдтӕ. Бӕрӕг кӕнын сӕ хъӕуы бӕлвырд афонты.


Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.


Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыди. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо фӕдзырдта дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ


Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan