Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:12
25 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон тынг зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Дунедарӕджы раз. Дыккаг хатт паддзахӕй расидтысты Давиды фырт Соломоны; байсӕрстой йӕ, цӕмӕй ӕлдариуӕг кӕна Дунедарӕджы номыл, Цадокы та байсӕрстой сауджынӕй.


Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».


Афтӕ левиттӕ адӕмы сабыр кодтой, мауал кӕут, уымӕн ӕмӕ абон бӕрӕгбон у ӕмӕ ӕнкъард ма кӕнут, зӕгъгӕ.


Дыккаг бон ӕппӕт адӕмы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ацыдысты динамонӕг Езрамӕ, цӕмӕй сын дины ныхӕстӕ ӕмбарын кӕна, уый тыххӕй


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной!


Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын, Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы.


Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»


Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы.


Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan