Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 8:1
25 Iomraidhean Croise  

Уӕд Иудейы адӕм ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтимӕ ӕмӕ пехуымпартимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, паддзах фӕраст ис Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы фыст.


Хилкиа нымӕрдар Шафанӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕджы Кувӕндоны ссардтон Ӕгъдауы чиныг». Ӕмӕ тухгӕ чиныг Шафанмӕ радта.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ, стырӕй, чысылӕй, паддзах ацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы ныхӕстӕ.


Ацы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы заман, Езра — Серайы, Азариайы ӕмӕ Хилкиайы,


Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн.


Паддзах Артаксеркс сауджын Езрайӕн, динамонӕгӕн, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Ӕгъдауыл Израилы ахуыргӕнӕгӕн цы фыстӕг радта, уым дзырдӕуыди:


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Уыдон цардысты Иоакимы, Иоцадакы фырт Йешуайы фырты рӕстӕджы, облӕсты хицау Неемиа ӕмӕ динамонӕг Езра-сауджыны рӕстӕджы.


Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.


Офел, зӕгъгӕ, сахары уыцы ран цӕрӕг Кувӕндоны кусджытӕ самадтой къулы иннӕ хай — скӕсӕнӕрдыгӕй Донхӕссӕн кулдуармӕ, цы мӕсыг дзы фӕцыд, уый онг.


Адӕм ацыдысты, къалиутӕ ӕрхастой ӕмӕ халагъудтӕ скодтой: чи — йӕ уӕлхӕдзары, йӕ кӕрты, чи — Хуыцауы хӕдзары кӕртыты, чи — Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы, чи — Ефремы кулдуары цур фӕзы.


Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


«Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.


Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.


ӕппӕт Израил куы ӕрбамбырд уой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым, уӕд-иу ацы Ӕгъдау хъӕрӕй бакӕсут, цӕмӕй йӕ ӕгас Израил дӕр фехъуса.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Израилӕгтӕ иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, загътой: «Мах нӕ аздӕхдзыстӕм нӕ цатыртӕм, нӕ хӕдзӕрттӕм!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan