73 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».
Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.
Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.
Сауджынтӕ дӕр, левиттӕ дӕр, адӕм дӕр, уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр, дуаргӕстӕ дӕр, Кувӕндоны кусджытӕ дӕр ӕрбынӕттон сты сахарты ӕмӕ сӕ алфамбылӕйтты. Израил иууылдӕр сӕ сахарты цӕрын райдыдтой.
Ӕвдӕм мӕй, Израил сӕ райгуырӕн сахарты куы ’рбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.
Йерусалимы ӕрцардысты бӕстӕйы хицӕуттӕ, Иудейы сахарты та: израилӕгтӕ, сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ, алчи — йӕхи зӕххы хайыл.
Иннӕ адӕмӕй чидӕртӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин минӕйы; сауджыны фӕлыст — ӕхсай авд фӕлтӕры.