Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:72 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

72 Иннӕ адӕмӕй чидӕртӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин минӕйы; сауджыны фӕлыст — ӕхсай авд фӕлтӕры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:72
5 Iomraidhean Croise  

Алчер Хилкиа, Ахикам, Ахбор, Шафан ӕмӕ Асайа ацыдысты сылгоймаг-пехуымпар, Йерусалимы ног хайы цӕрӕг Хулдамӕ. Йӕ мой, Хархасы байзӕддаг Тиквайы фырт Шаллум, уыди уӕлӕдарӕсы агъуысты уагдар. Ӕмӕ паддзахы минӕвӕрттӕ фарстой Хулдайы.


Ӕвдӕм мӕй, Израил сӕ райгуырӕн сахарты куы ’рбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.


Иннӕ адӕм: сауджынтӕ, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ, Кувӕндоны кусджытӕ — ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдау чидӕриддӕр райста, уыдон ӕд устытӕ ӕмӕ, сӕ цотӕй ӕмбарынхъом чи уыди, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ.


Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ хӕзнадонмӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ минӕйы.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan