Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:70 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

70 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй куыст размӕ цӕуа, уымӕн стыр ахъаз бакодтой. Тиршата хӕзнадонмӕ радта: сыгъзӕрин — мин драхмӕйы; кӕхцытӕ — фӕндзай; сауджыны фӕлыст — фӕндзай ӕртын фӕлтӕры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:70
15 Iomraidhean Croise  

ноджы ма тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ, куыситӕ. Хурам паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд, ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.


фыдистӕ, кӕхцытӕ ӕмӕ къустӕн сӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, сыгъзӕрин тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз;


Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта:


Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.


Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа;


Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.


теуатӕ — цыппарсӕдӕ ӕртын фондз, хӕрджытӕ — ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын.


Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ хӕзнадонмӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ минӕйы.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Стӕй-иу райсут иссопы баст, стулут ӕй, мигӕнӕны цы туг уа, уым ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕлкъӕсӕр ӕмӕ дуары дыууӕ тарвазы. Райсоммӕ уӕ йӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ мачи рахизӕд.


Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.


Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan