Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:65 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

65 Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:65
16 Iomraidhean Croise  

Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».


Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа;


Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой.


Чи ӕрбаздӕхти, уыцы дзыллӕ ӕдӕппӕтӕй иумӕ уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы.


Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй куыст размӕ цӕуа, уымӕн стыр ахъаз бакодтой. Тиршата хӕзнадонмӕ радта: сыгъзӕрин — мин драхмӕйы; кӕхцытӕ — фӕндзай; сауджыны фӕлыст — фӕндзай ӕртын фӕлтӕры.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Амындтыты риуылдарӕны бавӕр урим ӕмӕ туммим, хъуамӕ уой Аароны риуыл, Дунедарӕджы размӕ-иу куы цӕуа, уӕд. Аарон Дунедарӕджы раз куы лӕууа, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ риуыл уӕнт Дунедарӕджы амындтытӕ Израилы адӕмӕн.


Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у.


Ноджы ма йыл бакодта риуылдарӕн, уый уӕлӕ — урим ӕмӕ туммим.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan