Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:64 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

64 Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:64
8 Iomraidhean Croise  

Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.


Ма сын ныббар, мӕ Хуыцау, сауджыны ном цӕсты кӕй бафтыдтой ӕмӕ сауджын ӕмӕ левиты ардбахӕрд кӕй фехӕлдтой, уый!


Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди:


Сауджынтӕй: Ховайайы, Хакоцы ӕмӕ, йӕ галаадаг каисты ном хӕссын чи райдыдта, уыцы Барзиллайы байзӕддӕгтӕ.


Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan