Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:63 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

63 Сауджынтӕй: Ховайайы, Хакоцы ӕмӕ, йӕ галаадаг каисты ном хӕссын чи райдыдта, уыцы Барзиллайы байзӕддӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:63
8 Iomraidhean Croise  

Давид Маханаиммӕ куы бацыд, уӕд Нахашы фырт Шови, аммонаг Раввайы сахайраг, Аммиелы фырт Махир, Ло-Девары сахайраг, ӕмӕ галаадаг Барзиллай, Рогелимы сахайраг,


Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны ’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де ’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты.


Коцӕн райгуырдысты Анув ӕмӕ Цовева, стӕй дзы равзӕрдысты Харумы фырт Ахархелы артӕй рацӕугӕ мыггӕгтӕ.


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадта Уриайы фырт Меремот, Хакоцы байзӕддаг, сӕ фарсмӕ та — Варахийы фырт Мешуллам, Мешезавелы байзӕддаг; уый фарсмӕ — Баанайы фырт Цадок.


Делаи, Товиа ӕмӕ Некодайы байзӕддӕгтӕ — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ.


Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan