6 «Вавилоны паддзах Навуходоносор уацары кӕй акодта, уыцы израилӕгтӕй фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ, алчидӕр йӕхи сахармӕ,
Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.
Паддзахӕн хъусын кӕнӕм, мах кӕй фӕцыдыстӕм Иудейы бӕстӕм ӕмӕ Стыр Хуыцауы хӕдзар кӕй бабӕрӕг кодтам. Егъау дуртӕй йӕ кӕнынц, дурӕй амайынц къултӕ, хъӕдӕрмӕгӕй дӕр пайда кӕнынц, афтӕмӕй. Куыст хӕлофӕй цӕуы размӕ, аразджытӕн дзӕвгар ӕнтысы.
Фӕлӕ тухгӕ чиныг ссардтой Екбатаны галуаны, Мидийы. Фыст дзы уыди: «Зӕрдыл дарынӕн.
Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.
Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Азариаимӕ, Раамиаимӕ, Нахаманиаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Нехумимӕ, Ваанаимӕ ӕрбаздӕхти. Мӕнӕ Израилы адӕмы номхыгъд: