Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:5
15 Iomraidhean Croise  

Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не ’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой.


Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!


Ацы адӕмӕн цыдӕриддӕр фӕдӕн, уыдон мын хорзӕн фӕкӕн, мӕ Хуыцау!


Фӕтӕрсын кӕнынмӕ мӕ чи хъавыди, уыцы Тобиа ӕмӕ Санбаллат, сылгоймаг-пехуымпар Ноадиа ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, мӕ Хуыцау!


Фӕлӕ сахар парахат ӕмӕ егъау уыд, адӕм та дзы — хӕрз чысыл, хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕ уыдысты.


Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой.


Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.


Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.


Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan