Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Фӕлӕ сахар парахат ӕмӕ егъау уыд, адӕм та дзы — хӕрз чысыл, хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕ уыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 7:4
7 Iomraidhean Croise  

Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.


Адӕм арфӕ ракодтой, барвӕндӕй Йерусалимы ӕрцӕрыныл чи сразы ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.


Загътон сын: цалынмӕ хур дзӕбӕх ӕндавы, уӕдмӕ Йерусалимы кулдуӕрттӕ ма гом кӕнут. Адӕм цалынмӕ бадгӕ кӕнынц, уӕдмӕ дуӕрттӕ ӕхгӕнут ӕмӕ гуыдыртӕ ӕвӕрут. Хъахъхъӕнджытӕй сӕвӕрдтон Йерусалимы цӕрджыты, алкӕй дӕр — йӕ хӕдзары акомкоммӕ.


Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди:


Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan