9 Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.
Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут».
Уыцы ныхӕстӕ Санхерибы минӕвӕрттӕ Йерусалимы ныхъхъӕр кодтой иудейаг ӕвзагыл, цӕмӕй сӕ, сисы сӕрыл цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр хъусой, кӕд фӕтӕрсиккой ӕмӕ сахар нӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуид, зӕгъгӕ.
Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.
Фӕтӕрсын кӕнынмӕ мӕ чи хъавыди, уыцы Тобиа ӕмӕ Санбаллат, сылгоймаг-пехуымпар Ноадиа ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, мӕ Хуыцау!
Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.
Ӕз дзыназын Иууылбӕрзонд Хуыцаумӕ, Чи мыл ауды, Уымӕ.
Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!
Соломоныл. О Хуыцау! Саккаг кӕн паддзахӕн Дӕ рӕстдзинад, паддзахы фыртӕн — Дӕ раст тӕрхон!
Фӕлмӕст ӕмӕ стад лӕгӕн Йӕхӕдӕг куы дӕтты хъомыс.
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».
Вавилоны паддзахӕн йӕ цӕнгты хъару сфидар кӕндзынӕн, йӕ къухы йын бавӕрдзынӕн Мӕ кард, фараоны цӕнгты хъару та басӕтдзынӕн, ӕмӕ Вавилоны паддзахы раз мӕлӕтдзаг цӕфӕй хъӕрздзӕн.
Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.
фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.
Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.
Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ.
Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,