Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цӕмӕй дӕ спаддзах кӕной, пехуымпарты дӕр, дам, Йерусалимы уый тыххӕй баурӕдтай. Иудейаг паддзах, зӕгъгӕ, дӕу хонынц ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ уыдзысты. Уӕдӕмӕ ӕрбацу ӕмӕ иумӕ ауынаффӕ кӕнӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:7
10 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ныр де ’вастӕй, зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакодтай, афтӕмӕй спаддзах ис Адониа.


Абон уый ацыд ӕмӕ бирӕ кусӕрттӕгтӕ аргӕвста: галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ. Йӕ куывдмӕ дын де ’ппӕт фыртты дӕр фӕхуыдта, стӕй ӕфсады хицау Йоавы ӕмӕ сауджын Авиафары. Уым иууылдӕр цӕл кӕнынц, нуазынц ӕмӕ сидынц: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Адониа!“


Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“


Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы.


Фыстӕджы уыди: «Адӕм хъус-хъус кӕнынц, стӕй Гашму дӕр афтӕ зӕгъы, ды ӕмӕ, дам, иудейӕгтӕ паддзахы ныхмӕ растынмӕ хъавут. Къул дӕр, дам, уый тыххӕй амайыс. Уыимӕ, дам, дӕ зӕрды ис уыдонӕн паддзах суӕвын.


Фӕлӕ йӕм ӕз арвыстон: «Ды цы дзурыс, ахӕмӕй дзы ницы ис. Дӕхи ӕрымысӕггаг сты».


Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan