Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фыстӕджы уыди: «Адӕм хъус-хъус кӕнынц, стӕй Гашму дӕр афтӕ зӕгъы, ды ӕмӕ, дам, иудейӕгтӕ паддзахы ныхмӕ растынмӕ хъавут. Къул дӕр, дам, уый тыххӕй амайыс. Уыимӕ, дам, дӕ зӕрды ис уыдонӕн паддзах суӕвын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:6
16 Iomraidhean Croise  

Паддзах хъуамӕ зона, йӕ разӕй рацӕуӕг иудейӕгтӕ кӕй ӕрбацыдысты махмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ ногӕй аразынц ацы ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕхъхъаг сахар. Йӕ къултӕ йын амайынц, йӕ бындуртӕ йын фидар кӕнынц.


Рафӕлдахын кӕн дӕ фыдӕлты зӕрдылдарӕн хабӕртты чиныг ӕмӕ дзы бакӕсдзынӕ, Йерусалим, змӕнтгӕ чи кӕны, паддзӕхтӕн дӕр ӕмӕ бӕстӕйы алы кӕрӕттӕн дӕр зиан чи хӕссы, ахӕм сахар кӕй у, уый. Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уисӕн нӕ кӕны ӕмӕ дӕрӕнгонд дӕр уый аххосӕй ӕрцыдис.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин.


Уӕд мӕм Санбаллат фӕндзӕм хатт ӕрбарвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, йӕ къухы — гом фыстӕг.


Цӕмӕй дӕ спаддзах кӕной, пехуымпарты дӕр, дам, Йерусалимы уый тыххӕй баурӕдтай. Иудейаг паддзах, зӕгъгӕ, дӕу хонынц ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ уыдзысты. Уӕдӕмӕ ӕрбацу ӕмӕ иумӕ ауынаффӕ кӕнӕм».


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Тӕхудиаг стут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ уыл алы даутӕ куы мысой, уӕд.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.


Уӕд та, — чидӕртӕ мыл куыд мысынц, цыма уӕ ӕз ууыл ахуыр кӕнын, уыйау, — ӕвзӕрдзинад кӕнын райдайӕм, цӕмӕй хорздзинад расайа? Уыцы адӕймӕгты, цы тӕрхоны аккаг сты, уый баййафдзӕн.


Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;


Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan