2 уӕд мӕм Санбаллат ӕмӕ Гешем ӕрбарвыстой, рацу ӕмӕ, дам, Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы фембӕлӕм: мӕнӕн исты фыдбылыз саразыны фӕнд сӕм уыди.
Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Елпаалы фырттӕ: Евер, Мишам ӕмӕ Шемед. Шемед сарӕзта Оно ӕмӕ Лод йӕ алыварс хъӕутимӕ.
Лоды, Онойы, Харашимы дӕлвӕзы.
Дарддӕр къул самадтой ӕввахсдӕр рӕттӕй ӕрбацӕуӕг сауджынтӕ.
Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ иуварс лидзынц мӕ низӕй, мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.
Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!
уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой.
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.