Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Суанг ма йӕ хорз хъуыддӕгты кой дӕр кодтой мӕ разы, мӕ ныхӕстӕ та уымӕн фӕзмыдтой. Цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, Тобиа уый тыххӕй ӕрвыста фыстӕджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:19
10 Iomraidhean Croise  

Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин.


Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта.


Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.


Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты.


Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.


Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.


Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.


Уыдон дунейӕ сты ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan