Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:18
7 Iomraidhean Croise  

Хананиайы фырттӕ: Пелатиа, Исайа, Рефайа, Арнан, Овади, Шехани.


Арахы мыггаг — авдсӕдӕ ӕвдай фондз;


Дарддӕр, къулы иннӕ хай, амадтой Шелемийы фырт Хананиа ӕмӕ Цалафы ӕхсӕзӕм фырт Ханун. Сӕ фарсмӕ, йӕ агъуысты акомкоммӕ, къул дарддӕр амадта Варахийы фырт Мешуллам.


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадта Уриайы фырт Меремот, Хакоцы байзӕддаг, сӕ фарсмӕ та — Варахийы фырт Мешуллам, Мешезавелы байзӕддаг; уый фарсмӕ — Баанайы фырт Цадок.


Уыцы бонты иудейӕгты уӕздандӕртӕ ӕмӕ Тобиа кӕрӕдзимӕ хъазуатӕй фыстӕджытӕ ӕрвыстой.


Суанг ма йӕ хорз хъуыддӕгты кой дӕр кодтой мӕ разы, мӕ ныхӕстӕ та уымӕн фӕзмыдтой. Цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, Тобиа уый тыххӕй ӕрвыста фыстӕджытӕ.


Арахы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan