Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уыцы бонты иудейӕгты уӕздандӕртӕ ӕмӕ Тобиа кӕрӕдзимӕ хъазуатӕй фыстӕджытӕ ӕрвыстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:17
8 Iomraidhean Croise  

Иоадайы байзӕддӕгтӕй дӕр иу, алчер Елиашивы фырт, хоронаг Санбаллаты сиахс уыди, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз мӕ цурӕй фӕтардтон.


Уымӕй размӕ та, нӕ Хуыцауы хӕдзары уӕттӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы сауджын Елиашив йӕ хӕрз хион Тобиайӕн


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ; уӕвгӕ, сӕ тӕккӕ нымаддӕртӕй никӕй бафӕндыд Дунедарӕджы номыл бакусын.


Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе ’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон.


Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый.


Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan