15 Къул срӕвдз ис дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бонмӕ, елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон.
Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.
Хӕдзар арӕзт фӕцис адары мӕйы ӕртыккаг бон. Уый уыди, Дарий паддзах куы сси, уымӕн йӕ ӕхсӕзӕм аз.
Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты.
Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.
Уымӕн ӕмӕ дын Уый дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны, дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!
Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.