Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Кӕд пехуымпариуӕг кодта, уӕддӕр ӕз зыдтон, Хуыцауы ӕрвыст адӕймаг нӕ, фӕлӕ Тобиа ӕмӕ Санбаллаты ӕлхӕд лӕг кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:12
20 Iomraidhean Croise  

Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн.


Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин.


Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.


Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.


Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»


Ӕмӕ пехуымпар Йеремиа загъта пехуымпар Хананиайӕн: «Хананиа, байхъус-ма! Дунедарӕг дӕ нӕ рарвыста! Ды ацы адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕй зӕрдӕтӕ ӕвӕрыс.


Мӕ адӕмы раз Мӕ фегад кодтат, уымӕн ӕмӕ армыдзаг хъӕбӕрхор ӕмӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй мӕлӕты амӕттаг бакӕнут, мӕлгӕ чи хъуамӕ ма акӕна, уыдоны ӕмӕ цӕргӕйӕ ныууадзут, цӕрыны аккаг чи нӕу, уыдоны. Афтӕмӕй фӕливут, уӕ мӕнг ныхӕстӕм уын чи хъусы, уыцы адӕмы».


Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,


Уӕ цӕстылуайӕн — мӕнг, уӕ рагуац дӕр — фӕлывд! Сымах дзурут: „Уый Дунедарӕг загъта“, афтӕмӕй та Ӕз нӕ загътон.


Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Иуӕн — диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн — пехуымпарады, ӕртыккагӕн — адӕймаг цавӕр удӕй хайджын у, уый иртасыны, цыппӕрӕмӕн — алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, фӕндзӕмӕн — уыцы ӕвзӕгтыл цы загъдӕуыд, уый ӕмбарын кӕныны курдиат.


Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у.


ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,


Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.


сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй.


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan