Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Иу бон куы уыд, уӕд Шемайайы, Делаийы фырт, Мегетабелы фырты фырты хӕдзармӕ бацыдтӕн. Уый хибар уаты цард Кувӕндоны ӕмӕ загъта, цом, дам, Хуыцауы хӕдзармӕ, Кувӕндоны хуылфмӕ, ӕмӕ дуар нӕ фӕстӕ сӕхгӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, дам, дӕумӕ марынмӕ ӕрбацӕудзысты, ӕхсӕвыгон, дам, ӕрбацӕудзысты дӕ марынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:10
21 Iomraidhean Croise  

Ахборы фырт Баал-Хананы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Хадар, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг.


Кувӕндон ӕмӕ Рухсмонуаты алыварс быруйӕн йе ’мкъул скодта ӕфтуанагъуыст фӕрссаг хатӕнтимӕ.


Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.


Ахавы хӕдзарвӕндаг бабын уыдзӕн, стырӕй, чысылӕй дзы иу нӕлгоймаг дӕр нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн.


Ахаз ӕрӕмбырд кодта Хуыцауы Кувӕндоны дзауматӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнын кодта, стӕй йын йӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕмӕ Йерусалимы алы рӕтты саразын кодта нывондхӕссӕнтӕ.


Йӕ паддзахиуӕджы фыццаг азӕн йӕ фыццаг мӕй Езекиа байгом кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны кулдуар, бацалцӕг ӕй кодта.


Ноджы ма сӕхгӕдтой Кувӕндоны тыргъы дуӕрттӕ, ахуыссын кодтой цырӕгътӕ. Израилы Хуыцауы Кувӕндоны буд нӕ сыгътой ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ нӕ хастой.


Харимы фырттӕй: Елиезер, Ишшиа, Малкиа, Шемайа, Шимон,


уӕд хистӕртӕм — Елиезер, Ариел, Шемайа, Елнатан, Йарив, Елнатан, Натан, Захариа ӕмӕ Мешулламмӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕм — Йоарив ӕмӕ Елнатанмӕ — фӕдзурын кодтон.


Кӕд пехуымпариуӕг кодта, уӕддӕр ӕз зыдтон, Хуыцауы ӕрвыст адӕймаг нӕ, фӕлӕ Тобиа ӕмӕ Санбаллаты ӕлхӕд лӕг кӕй у, уый.


Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?


Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ иуварс лидзынц мӕ низӕй, мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.


Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.


Йеремиа Барухӕн загъта: «Ӕз ахст дӕн, ӕмӕ мӕ бон Дунедарӕджы хӕдзармӕ ацӕуын нӕу.


Уд бацыди мӕ мидӕг, слӕууын мӕ кодта мӕ къӕхтыл. Дунедарӕг мын загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн.


Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.


Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.


Сахар ӕгасӕй дӕр базмӕлыд, ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Ӕрцахстой Павелы, лӕгдыхӕй йӕ ракодтой Кувӕндонӕй ӕмӕ уайтагъд сӕхгӕдтой дуӕрттӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan