Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 6:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 6:1
10 Iomraidhean Croise  

Уымӕй размӕ та, нӕ Хуыцауы хӕдзары уӕттӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы сауджын Елиашив йӕ хӕрз хион Тобиайӕн


Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.


Кӕсаджы кулдуар арӕзтой Сенаайы байзӕддӕгтӕ: йӕ хъайвантӕ йын ныффидар кодтой, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой.


Зӕронд кулдуарыл архайдтой Пасеахы фырт Иоада ӕмӕ Бесодиайы фырт Мешуллам; кулдуар сарӕзтой, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой.


Мах къул кӕй аразӕм, уый Санбаллатӕн йӕ тъӕнгтӕ цагъта, ӕмӕ маст кодта иудейӕгтӕн, хынджылӕг сӕ кодта


Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты.


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan