Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Загътон сын, ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъын, уӕйгонд чи ӕрцыди, уыцы иудейӕгты мах, нӕ бон цас уыди, уыйас фӕстӕмӕ фелхӕдтам. Сымах та, зӕгъын, уе ’фсымӕрты уӕй кӕнут, ӕмӕ ныр махӕн ӕлхӕнинаг фесты! Ницы дзырдтой, стӕй зӕгъгӕ дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 5:8
14 Iomraidhean Croise  

Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Уӕздӕттӕн-иу сӕ хъӕлӕс нал хъуысти, се ’взаг-иу сӕ комарынгыл баныхӕст.


Фӕтарстысты, хъусӕй лӕууынц, цы зӕгъой, уый сын нал ис.


Искӕй чи адава ӕмӕ йӕ чи ауӕй кӕна, науӕд давд адӕймаджы кӕмӕ ссарой, уый хъуамӕ мард ӕрцӕуа.


ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис.


Сӕ иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн — дыууӕ, ӕртыккагӕн — иу, алкӕмӕн дӕр — йӕ арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ацыди.


Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр.


Фӕлӕ кӕд, де ’фсымӕрӕн, цыдӕр хойраг кӕй хӕрыс, уый хъыг у, уӕд, уарзондзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ дӕ хойрагӕй, Чырысти кӕй тыххӕй амард, уыцы ӕфсымӕры ма саф.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ — Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.


Исчи йе ’фсымӕртӕй, израилӕгтӕй, искӕй куы адава, йӕхицӕн дзы цагъар куы скӕна кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, ӕмӕ уый куы сбӕрӕг уа, уӕд уыцы адӕймагӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй: фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan